Бынаты хицауы æхсæв æмæ хæйраджыты æхсæв

Бынаты хицауы бон  фæкæнынц дыккаг къуырийы æртыццæг æхсæв фаззæджы æви уалдзыгон афадзы растæджы . Ирон адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, алы хæдзар, алы бинонтæн дæр ис йæхи бардуаг. Æмæ цæмæй дæ бынаты амондджынæй, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй цæрай, уый тыххæи йыл дæхи бафæдзæхс, дæ кæстæрты тыххæй йæм батабу кæн. Ирон адæм ын циндзинады алы фынгыл дæр арынц йæ ном, лæгьстæ йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа. Раздæр-иу Бынаты Хицауы æхсæвмæ снывонд кодтой кусæрттаг- сæгь .

Кæддæр, дам, адæм æмæ хæйрæджытæ иумæ цардысты, сæ ныхас кæрæдзиуыл бадт, фæлæ иурæстæджы фæныхмæ сты, æмæ кæд Уастырджи хæйрæджыты фесæфта, уæддæр сæ адæм тарстысты æмæ сын сæрмагондæй сæ ном ардтой .

Йæ фадат кæмæн амыдта, уый æргæвста сау уасæг кæнæ карк. Цы-иу аргæвстой, уымæн-иу йæ туг рауагътой иу ранмæ æмæ-иу æй арф баныгæдтой, кæнæ-иу æй цæугæдоны ауагътой, куыдз кæнæ дзы гæды куыд нæ фæхъæстæ уыдаид, афтæ. 

Æмбисæхсæв-иу хæдзары бинонтæ чысылæй-стырæй кæртмæ рацыдысты. Афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, уыцы рæстæг хæйрæджытæ хæдзары февзæрынц, ацаходынц кувинæгтæй æмæ æрбайсæфынц. 

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*