Тæнджы мæй раздæр нымад цыд ныры январы æмбисæй февралы æмбисмæ. Афтæ дарддæр иннæ мæйтæ дæр. Январь ма ирон адæм хуыдтой басылты мæй дæр, басылтæ-иу кæй кодтой, уымæ гæсгæ. Дыгурмæ ма та хуынд æнсуры (ссыры) мæй дæр. Иннæ мæйтæн дæр ирон æвзаджы ис цалдæргай нæмттæ. Мах дзы равзæрстам, фылдæр кæмтты æмæ хъæуты сæ куыд хуыдтой, уыдон.
Нæ фыдæлтæн къуырийы бонтæй алкæцыйæн дæр уыдис сæрмагонд мидис. Уый у æнæмæнг афтæ, уымæн æвдисæн у ирон адæмон сфæлдыстад æмæ ацы бæрæгбæтты номхыгъд.
Отправить ответ