Æртхъирæны мæйы бæрæгбæттæ

Нафы дзуары бæрæгбон вæййы Ногбоны фæстæ. Кæд Ногбон мæйногмæ æрцæуы, уæд иннæ мæйноджы вæййы Наф, кæд æмæ Ногбон мæйзæронды æрæййафы, уæд ма Нафмæ вæййы мæй. Нафæн йæхицæн уыд хуым. Бакуыстой­иу æй Нафы фысымтæ. Цы хор­иу дзы æрзад, уымæй­иу Нафы бон алкæмæн дæр скодтой фæйнæ дзулы. Нафы фысым уыд радыгай, дыууæ хæдзарæй. Иу – хистæр фысым, иннæ – кæстæр. Уыдон­иу куывдæн балæвар кодтой кусæрттæгтæ. Фыццаг кусæрттаг­иу аргæвстой хуыцауæхсæв, дыккаг – æртыццæг æхсæвы. Раздæр заманы куывд кодтой кувæндоны, иумæ, стæй йæ кæнын байдыдтой хæдзæртты. Куывдмæ цыдысты æрмæстдæр лæгтæ, хæдзæрттæм­иу хæйттæ арвыстой. Нафы куывдæн бæгæны кодтой къусбарæй. Къусбар лæвæрдтой, хæдзары цал лæджы уыд, уымæ гæсгæ. Фысымтæ­иу хъуамæ скодтаиккой гуыдын. Гуыдынæй хъуамæ хай æрхаудтаид алы хæдзармæ дæр. Куывд цыд цыппар боны дæргъы. Хистæр­иу скуывтæ «Нафы дзуар, стыр арфæ ракæн нæ уарзон адæмæн, чи нæ уарзы, уыдонæн. Нафы дзуар, бирæ хор ратт, бæркад алы аз дæр куыд уæ..» Нафы куывд цалдæр боны кæй цыд æмæ тынг бæркадджын кæй уыд, уый ныр дæр адæмæй рох нæу. Арæх фехъусæн и: «Раст Нафы фынг уыд», «Kæд Нафы фынгыл нæ бадыс» æмæ афтæ дарддæр. Нафы бæрæгбон баст у Найфатимæ. Найфат у мыггаджы кувæн бынат. Бæрæгбон йæ рæстæджы тынг кадджын уыди. Ныр дæр ма арæх фехъусæн и: «Иры Наф». Ома, Иры бæркад.

Иннæ азты публикациттæ

Пресс-служба СОРКПОО «ИУДЗИНАД»

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*