Бæрæгбæтты номхыгъд æмæ сæ нымад

Ацы уацы ныхас цауы, нæ ахуыргæндты, куырыхон хистæрты æмæ дзуарылæггадгæнджыты руаджы Ирыстоны бæрæгбæтты номхыгъд æмæ сæ нымад цæмæй иу хуызон скæнам, уый тыххай.

Куыд зонæм, афтæмæй бæрæгбæттæ баст сты хурхæтæнтæ æмæ мæйы ногимæ. Раст нæу, бæрæгбæттæ афтæ куы фæнымайынц : дыккаг сабат, фыццаг хуыцаубон, 28 Майрæмы мæйы фæстæ æмæ а. д., уад уый. Бæрæгбæттæбаст не сты бæлвырд мæйты бонты нымæцтæм, зæгъæм, 25 Цыппурсы (декабыры) мæйы,кæнæ 19 тъæнджы (январы) мæйы.

Мах хъуамæ æмбарам, Куадзæн Пасхæ нæу, Донскъæфæн Крещени нæу, Цыппурс – Рождество æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæм, иойнæгты Песах  у, дзуттæгтæ Мысырæ йу ацарæй сæ захмæ куы рацыдысты, уый. Чырыстон Пасха та, Чырысти мардæй куы райгас и, уый. Махмæ та ком дардтой мæрдтыл æмæ-иу уый фæстæ сæ ком суагътой, ома, комуадзæн – Куадзæн. Фæлæ чырыстон ирæттæ нæ бæрæгбæттæ райдыдтой бæттын сæхионтыл æмæ нæбæрæгбæттæн сæ нымæц фехæлди, ныссуйтæ.

Адæман куы байсынц йæ истори, йæ уырнындзинад, йе ’взаг, уæд уыдон кæнынц сæфгæ. Æмæ абон у, уыцы æнæмонд рæстæг.

Бынтон æнæгъдау дзинад у, нæ бæрæгбæттæ иннæ динты бæрæгбæттима куы бæттой, уæд уый.

Нæ фыдæлтæ афæдзы дæргъы хыгътой иу бæрæгбон иннæмæ къуыригай, бонгай нымайгæ йæ, зымæгон хурхæтæнæй сæрдыгон хурхæтæнмæ æмæ дарддæр зымæгон хурхæтæнмæ.

—  Зымæгон хурхæтæнæй – Комахсæнмæ  – 9 ≥10 къуырийы;

— Комахсæнæй – Куадзæнмæ – 7 къуырийы;

-Куадзæнæй – Кæрдæгхæссæнмæ  -7 къуырийы;

— Кæрдæгхæссæнæй – Уацилламæ – 2 къуырийы;

— Уациллайы бæрæгбон  – 1 къуыри;

— Уациллайæ – ХетæджыУастырджимæ 2 къуырийы;

— Хетæджы Уастырджийæ – Кæхцгæнæнмæ – 1 къуырийы;

— Кæхцгæнæнæй – Атынæгмæ -2 къуырийы;

— Атынæгæй – Майрæмтæм – 4 къуырийы;

— Майрæмтæй–Фыдунимæ–2 къуырийы;

— Фыдуанийæ– Мигъдаумæ, Ичъынамæ– 4 къуырийы;

— Ичъынайæ – Уастырджийы   бонтæм   – 6 къуырийы;

 — Уастырджийы кувæн бонтæ   – 1 къуыри ;

— Уастырджийы бонтæй – зымæгон хурхæтæнтæм  – 4-3 къуырийы.

Бæрæгбæттæ сты бирæ фылдæр. Иннæ бæрæгбæттæ баст цæуынц, цы къорд ранымадтам, уыцы бæрæгбæттæм.Нафы бæрæгбон та баст у мæйы ногима.

Бæрæгбæттæ сæ мидисмæ гæсгæ бæрæг кæнынц къуырийы бонты къуырисæрæй хуыцаубонмæ: дзырдæн, Аларды æмæ Уациллайы бæрæгбон – ъуырисæры, Уастырджийы бон – дыццæг, Мæрдты кæндты тæ кæнынц сæ баты æмæ æ.д.

Афæдзы райдианы фыццаг бæрæгбон вæййы Цыппурс. Уый у Ног азмæ бахизæн дуарау, æмæ сæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон кодтой.

Цыппурс  — афæдзырайдианы фæстæ , цыппæрæмы  (йæ райдиан цыппæрæм æхсæвы)

Бынаты хицау / Бундур —  кæнынц æй Цыппурсы фæстæ, æртыццæг æхсæвы.

 Ног аз – къуырийы фæстæ Цыппурсæй, цыппæрæмы  (йæ райдиан цыппæрæм æхсæвы)

Æртгæнæнтæ- кæнынцæй кæрты сæумæрайсом фыццаг сабаты  Ног азы фæстæ,ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыди, æрмæстдæр уыдон.

Бадæнтæ — хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ, Ног азы фæстæ къуырисæрæхсæв .

Фæцбадæн- Бадæнты фæстæ хуыцау æхсæв ралæууы Фацбадæн,кæнынцæй фондз боны.

 Доныскъæфæн — Бадæнтæй къуырийы фæстæ,дыццæджы.

Нафы бæрæгбон- Ног азæй дыууæ къуырийы куы рацæуа, уæд, фыццаг мæйы ноджы фæстæ сабаты,  ахассы къуыри. (Стыр Наф-  фыццаг сабаты Чысыл Наф – дыккаг сабаты)

 Комахсæн  – кæнынцæй ивгъуыд азы зымæгон хурхæтæнæй  9 къуырийы куы рацауы,йæ уæд, хуыцауыбоны. Ахæссы дыууæ къуырийы.

 Фыды комбæттæн – Комахсæны фыццаг къуыри.

Аларды–фыцца г/ хæргæ Аларды,  Комахсæны фыццаг къуырисæры.

Урсыкъуыри- Комахсæны дыккаг къуыри (Цæрвкъахæны къуыри).

Аларды – Фæстаг Аларды\ Алардыйы комбæттæн.Къуырийы фæстæ фыццаг/хæргæ Алардыийæ. Хуыцаубоны изæрæй æрцаразынц бæрæгбоны фынг.

Рудзгуыты бон –сабаты Комахсæны дыккаг къуыри. Уыцы бон дуарттæ æмæ рудзгуыты тæрвæстæ сæрстой сойæ.

Комбæттæн- вæйы фондз къуырийы, йæ райдиан–дыууа къуырийы фæстæ Комахсæнæй, къуырисæры

Стыр Тутыртæ– кæнынцæй æртæ боны, йæ райдиан Комбæттæны фыццаг къуырисæры

 Цъиуты комдарæн – Комбæттæны фыццагæртыццæджы

Рæстæйы бон – Комбæттæны фыццаг цыппæрæмы (кодтой-йæ сылгоймæгтæ)

Хоры бон/ Хуымидайæн – Комбæттæны дыккаг дыццæг

Рæмон бон – кодтоййа, ивгъуд аз лæппу кæмæн райгурди, уыцы Комбæттæны дыккаг дыццæг

Лауызгæнæнтæ/фыццаг-Комбæттæны 2-аг сабатæхсæв Лауызгæнæнтæ/дыккаг — Комбæттæны  3-аг сабатæхсæв

Астæумархо /Кæфхæрæн – æртыццæджы Лаузгæнæнты фæстæ.

Зазхæссæн\Назуихист– Куадзæны хæдразма йу къуыри фæудзан, уый размæ къуыри сабаты (йæ райдиан сабатæхсæв)

Къутугæнæн — Комахсæнæй 6 къуырийы фæстæ, хуыцау боны

Куадзæн- Комахсæнæй 7 къуырийы фæстæ,хуыцау боны

Зæриноных-  къурисæр æхсæв Комахсæнæй 7 къуырийы фæстæ (Хилачъы).

Тыхост–  къуырисæр æхсæв Комахсæнæй 7 къуырийы фæстæ — У.к.

Цæуæггаг – цыппæрæмы, Куадзæны фæстæ .

 Бæлдæрæн– йæ кæнæн бон у Куадзæны фæстæ,хуыцабон.

 Аларды / Сырхдзуар – къуырисæры, Бæлдæрæны фæстæ .

 Фæлвæра – дыццæджы,Аларды/Сырхдзуары фæстæ .

Касутæ – Куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæ, сабаты

Таранджелоз–  къуыри фæстæдæр Касутæй, хуыцау боны.

Зæлдæвæрæн– Куадзæнæй æхсæзæм къуырийæн йæ цыппæрæмы

Кæрдæгхæссæн– Куадзæнæй 7 къуырийы фæстæ, хуыцаубоны

Ногдзуар– Батæхъойы хъæуы, Кæрдæгхæссæны фæстæ, къуырисæры. Кæрдæгхæсæнæй къуырийы фæстæ,хуыцаубоны,  кæнынц æй къуыри

 Уациллайы чъирийаг æхсæн – Дауджыты фыццаг боны фæстæ,  къуырисæры.

Дзывгъисы Уастырджи- æгхæссæнæй къуыри фæстæдар, дыццæджы

Цыргъобау — Уациллайы размæ, хуыцау боны

Уацилла – кæнынцæй къуыри, йæ райдайæн сæрдыгон хурхæтæнты размæ, къуырисæры,  хурхæтæн  къуырисæры  куы уа, уæд æйкæнынц  уыцы бон. Йеæрвитæн та – къуырийы фастæ, къуырисæры.

 Сауыдзыуар —  дыццæг,  Уациллайы фыццаг боны фæстæ —  Д.к

 Хетæджы Уастырджи – дыууæ къуырийы фæстæ Уасиллайы бæрæгбонтæй, хуыцаубоны

Ныхасы Уастырджи –  йæ бон Хетæджы Уастырджийы бонимæ иумæ

Дзирийы дзуар/Иры дзуар —   йæ  бон Хетæджы Уастырджийы бонимæ иумæ- К.к

Кæхцгæнæнтæ– къуырийы фæстæ Хетæджы Уастырджиийы бонæй

Рагъы дзуар -Кæхцганæны фæстæ, къурисæрТ.к.

Саубарæджы бон –Кæхцгæнæнты фæстæ, дыццæджы

Тербаты дзуар/Хохы дзуар  — Кæхцганæны фæстæ, æртыццæджы

Хуыцауы дзуар  –  Кæхцганæны фæстæ,  хуыцаубоны Д.к.

Атынæг/Цыргъисæн-  Кæхцгæнæнтай 2 къуырийы фæстæдар,хуыцаубоны.

 КъобыУæстырджи — Кæхцгæнæнтай 2 къуырийы фæстæдар,  хуыцаубоны

Таранджелос–  Атынæджы фæстæ, къуырисæры   Т.к.

Аларды–  Атынæгæй 3 къуырийы фаста, къуырисæрыТ.к.

Майрæмтæ–Атынæгæй 4 къуырийы фаста,  майрæм боны

Фæлвæра –Атынæгæй 4 къуырийы фаста, дыццаджы

Фыдуани –Майрæмтæй 2 къуырийы фаста, къуырисæры

Фæззæджы Тутыр – Фыдуанийæ 3 къуырийы фаста,  къуырисæры.

Мигъдау – фæззæджы Тутырæй къуырийы фаста,хуыцау боны

Ичъына – фæзæджы Тутырæй къуырийы фæстæ ,къуырисæр æхсæв

Устытыкуывд / Остæлтикувд – кæнынцæй Ичъынайы бонты Сагæйттыæхсæв- Зыгуымоны  размæ, цыппæрæмы изæрæй

Зыгуымоны бæрæгбон –  Уастырджийы бонтæй къуыри раздар, хуыцаубоны

Уастырджимæ  кувæн бонтæ — Ичъынайæ 6 къуырийы фæстæ,  райдиан –хуыцау боныæхсæвы, бæрæгбонæрвитæн та -къуырийы фæстæ,дыццæг æхсæв  (Галæргæвдæн -хуыцабон/хуыцауæхсæв, Уастырджийы æхсæв – бæрæгбоны фыццаг дыццæг ахсæв,Уастырджийы бон –дыццæг, Уастырджийы бæрæгбон æрвитæн –бæрæгбоны дыккаг дыццæг æхсæв).

Тыхост – дыццæджы Устырджийы  кувæн бонты- Д.к

Фиппаинаг:

1) ахсджиаг ма у, цæмай хорз æмбарæм, ирон адæм боны райдайæн кæд нымайынц, уый. Боны райдайæн у хурныгулды фæстæ;

2) цыбырфыст: К.к.- Куырттаты ком, Д.к. – Дæргъæвсы ком, Т.к.- Тырсыгом, Диг.к — Дигори ком.,  У.к. – Уæлладжыры ком.

3) бирæ  бæрæгбæттæфыст не ‘рцыдысты, уымæн æмæ сæ бонты нымад бæлвырд  нæ зонæм Дзырдæнзагъам : Реком – 2 сабат хурхæтæны мæйы, Таранджелоз – 3 цыппæрæмырухæны мæйы  Мыкалгабыр – 3 цыппæрæмы рухæны мæйы. Уыдонæн  дæра хъуыды кæнынхъæуы сæ раст ранымадыл.  Зæгъæм, Уарзиаты Вилены чиныджы 71-æм фарсыл фыст ис: « Мыкалгабыры бæрæгбон кодтой афæдз цыппар хатты æмæ-иу æй æдзухдæр саразтой цыппæрæмы, Фыды комбæттæнимæ иу рæстæг, дыккаг хатт – Куадзæнимæ, æртыккаг хатт – Кæрдæгхæссæны размæ,  цыппæрæм хатт та – Уастырджийы бонты размæ»

Курæм дзуарылæггадгæнджытай, фысымтайы æмæ   Хуыцаумæ кувæг Ирыстоны адæмай се ‘ппæтай дæр Хуссарæй Цæгатмæ, уæ табуайаг кувæндæтты мидис цы у, кæд сæм фæкувут, уый нын фехъусынкæнут æмæ сæ ныффыссæм бæрæгбæтты номхыгъды!

Уынг. Кырджалийская 3, тел. 89851297183.Бакуыстой йыл «ЦИРКРÆА «ИУДЗИНАД»-ы уæнгтæ æмæ  дзуарылæггадгæнджыты совет

Хъаллæгаты Эльбрус

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*