Ирыстоны Дзуæртты лæггадгæнджыты æмæ Кувæг Лæгты 1-аг съезд, зæгъгæ, афтæ рахуыдта, æхсæнадон организаци «Иудзинад» Хетæджы кувæндоны бынмæ Кувæг лæгты цы æмбырдмæ æрбахуыдта,(цы Кувæг лæгты æрбамбырд кодта,) уый. Дзуары лæгты номæй зындгонд сты сæйраджыдæр уыдон, фæлæ уый раст нæу, зæгъгæ, ахæм хъуыдымæ æрцыдысты уыдон сæхæдæг. Дзуары лæгтæ нæ, фæлæ Дзуарæн лæггадгæнæг, афтæ, дам, у растдæр алы æгъдауæй дæр. Съездмæ фæхуындæуыд, ирон æгъдау, ирон кувæндæттæ зынаргъ кæмæн сты, бирæ ахæм адæмы дæр.
Отправить ответ