Зæрдæвæрæны мæй\Ханси мæйæ (Май) (зианы кæндтытæ)

Куадзæны хист (8)

Алы мæрдджын дæр хист скæны Куадзæны хæдфæстæ бон къуырисары. Сыхбæсты æмæ хъæубæсты зæронд лæгтæ æрбацæуынц Куадзæны арфæтæ кæнынмæ марджынмæ æмæ сæ фæкурынц, цæмæй сæ ком суандзынц, уалынмæ сыхы лæгтæ ницы фæисынц сæ къухмæ, нæдæр хæрд, нæдæр нозд. Фæдзурынц сын афтæ: «Смах уæ ком куынæ суадзат, уæд уый мардæн тæригъæд йеддæмæ æндæр ницы у».

Къуырисæры куы сбон вæййы, уæд мæрдджын аргæвды стур кæнæ фыс, чъиритæ скæны, нозтдæр афтæ. Баныхас кæны иннæ джынæн, уый фæстæ та иннæтæн. Куадзæн хист дыгай- æртыгай мардджынтæ иумæты дæр скæнынц. Бмрæ хъæуты- иу иумæ хистытæ куы кодтой Куадзæны, уæд сын-иу иумæ дугъ дæр рауагътой фæсивæд, кæннод та мæрдджынтæ сæхуыддæг. Ранæй – рæтты мА ныр дæр кæнынц афтæ.

 

Зæлдæвæрæн (Зæрдæвæрæн)

Зæрдæвæрæн у ног зианы кæндтытæй иу. Куыд равзæрд, уый ахуыргæндтæ амонынц дыууæ хуызы. Иутæ зæгъынц, бæрæгбон афтæ уымæн хуыйны, æмæ уыцы бон аргæвдынц фыс, далыс кæнæ уæрыкк æмæ йын йæ зæрдæ цырты цур баныгæнынц. Уый дзуры ууыл, æмæ мард йæ бинонтæ æмæ йæ хæстæджытæй рох нæу, мысынц æй, уæлæуыл куыд уыди, афтæ йæ нымайынц сæ бинойнагыл. Бæрæгбон Зæрдæвæрæн цæмæн хуыйны, уый тыххæй иннæ ахуыргæндтæ зæгъынц, зæгъгæ, ис дыгурон дзырд – зæлдæ – нæудзар. Уыцы бон, марды æгъдаумæ гæсгæ, зылдысты ингæнтæм, сагътой дзы дидинджытæ, аив сæ кодтой, нæуу сыл æвæрдтой. Æмæ бæрæгбон нæууæвæрæн (зæлдæвæрæн) ивд æрцыд зæрдæвæрæнæй. Зæрдæвæрæны кæндмæ æрцæуынц хæрз хионтæ, сыхæгтæ. Фынгыл – алы хæринæгтæ, арахъ, бæгæны æмæ æндæр нозтытæ. Хистæр сæ ныххæлар кæны, стæй фынгмæ æрæвналынц. Сылгоймæгтæ цалдæрæй ацæуынц уæлмæрдтæм. Фæкæуынц, фæхъыг кæнынц, семæ ахæссынц цыппар кæрдзыны, адджинæгтæ, халсартæ, дыргътæ, нозтытæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, стæй дзы саходынц.

 

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*