Хистæрæй кæстæрмæ

Нæ дуг у технологиты дуг. Алкæмæ дæр ис телефонтæ, кæмпьютертæ,интернет. Адæймагы бон у базонын  иннæ адæмы тыххæй,цы хабæрттæ ис зæххы иннæ кæроныл, фæлæ уыйимæ нæ тæккæ цур цы ис уый нал фæуынæм. Абоны бонмæ нæ стырдæр фыдбылызтæй иу у ирон æгъдау рох кæнын кæй байдыдтам уый. Кæстæр зонд хистæрæй исы, нæ хистæртæ махæн нæ рухстауæгтæ сты,фæлæ бирæтæ уый ферох кодтой. Бирæ хистæртæ нал ахуыр кæнынц сæ кæстæрты царды мидæг куыд хъæуы архайын уый. Уымæй уæлдай та раздæр цы хабæрттæ æрцыдис,уыдон дæр ферох кодтой æмæ сæ уæд кæстæртæ та кæцæй базондзысты?…

Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»  æмбары уый æмæ архайы, цæмæй фæсивæд  базоной сæ Фыдыбæстæйы цы бынæттæ ис, цы хабæрттæ дзы уыдис уыдон. Куырттаты комый, Лæцы хъæуы ис æцæг ирон лæг Хадыхъаты Чермен, у кувæгглæг. Куы базыдта «Иудзинад»-ы » Ирон фæсивæды къорды» уæнгтты фæнды этнолагермæ ацауын,  уæд  æхсæнадон змæлдмæ бадзырда æмæ Кучиты Батрадзимæ баныхас кодта цæмæй йæм иу-цалдæр бонмæ рарвитой цалдæр лæппуйы. Фыццагæй уал ацыдыстæм фондзæй , дыккаг хатт та æхсæзæй. Куы æрбахæццæ стæм бынатмæ уæд цардыстæм зæронд ирон хæдзары, уыцы хæдзары ма истой кино «Волшебная папаха».   Мах фæкастыстæм ′фснæйынæй кувæндоны бын , «Хистæрты Ныхас»  иу кæм уыдис уым.  Цалдæр голлаг кæрдæг æртыдтам. Фæлæ хабар уый мидæг нæ уыд…. Чидæртæ иу бацыдысты æмæ хистæрты бандæттæ рафæлдæхтой( уыдысты дыууæ рад,иу иннæйы сæрмæ ) цæмæй сын бынат уа нуазынмæ…  Ныхасы бынаты ныхмæ  ис Хадыхъаты мыггаджы  мæсыг,кæддæр  уыдис стыр æмæ фидар, фæлæ абоны бонмæ æрызгъæлд , æмæ йæм чи базила уый нæй. Гыццыл уæлдæр та ис Тебиаты мыггаджы мæсыг. Бæргæ мæ фæндит зæгъын  æнæхъæн кæй у, фидар лæуд кæй кæны,  фæлæ уымæ дæр ничи уал зилы,æмæ æзгъæлстæй лæууы… Тæккæ мæсыджы цур та ис » Уæйыджы дур».  Стыр æмæ тъæпæн дур. Йæ быннаг фарс лæгъз у, уæллагыл та  ис бирæ гыццыл дзыхъхъытæ. Раздæр дам уыцы дуры фæрцы( цы куыстой уый мæ ферох ис).  Искуы уыцы дур куы фенат уæд бамбардзыстут, стыр нысан ын кæй уыдис уый.   Уыдоны фæстæ ма, хъæуы кæрон  ис «Хуыцауы дзуар» кувæндон, йæ фæстæ та, дарттæр, къуыбыры сæр ис Уастырджийы зæронд кувæндон. Цалдæр боны архайдтам мах æмæ нæ бон цы уыдис уый бакодтам. Изæры иу, хæдзармæ куы æрбацыдыстæм, уæд нын Чермен фынг æрывæрдта, ирон хæдзары куыд фæлæггад кæнынц, ахæм лæггад нын скодта. Уыимæ ма нын фынджы æгъдæуттæ дæр бацамыдта, кувын куыд хъæуы уый.

Ныхасы цы фæлдæхт бандæттæ уыдис уыдон сæ бынаты,зæронд къаммæ гæсгæ сывæрттам. Уæйыджы дур дæр цы æртæ стыр дурыл лæууыд,уыдонæй иу рабырыд æмæ ныкъкъæдз ис, уый дæр фæкъахтой æмæ мах сраст кодтам цæмæй фидар лæуд кæна.  Иннæ бæтты та æфснайдтам Хуыцауы кувæндон. Дулаты Хъазыбег, куваг лæг, иу нæм фæкст, кæм цы хъæуы бафснайын уый загъта æмæ йæхæдæг дæр нын æххуыс кодта. Хуыцауы кувæндоны ма ис иу чырыстон кувæндон, æмæ уый ныссыгъдæг кодтам, чырæй йæ сцагътам æмæ иконæтæн ног бынат скодтам.  Ирыстоны тынг бирæ цымыдисаг бынæттæ ис, кæцыты тæххæй нал зонæм, æмæ хорз уаид нæ хистæртæ нын сæ куы райдаикког æвдисын , иннæ камтты агъдаумæ гæскæ,цæмæй сæ мах дæр нæ кæстæртæн амонæм,цæмæй сæ уыдон дæр ма рох кæной.

 

Ирон фæсивæды къорды уæнг Зукурты Георгий

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*