Таранджелозы кувæндоны (хъ.Тибы) бæрæгбон. (Праздник Таранджелоз в с.Тиб)

«Тæрæнджылоз равзæрд Хуцауы цæстысыгæй, æмæ йын сæрмагонд кувæндæттæ уыди Ирыстоны Тибы, Хъæдысæры,Къозы æмæ Къобы хъæуты. Тæрæнджылозы номыл кувæндон фазынди раздæр Туалгомы Тибы хъæуы, стæй иннæ рæтты.  Хистæртæ куыд амыдтой, афтæмæй Хъæдысæры æмæ Къозы хъæуты Таранджелозы номыл кувæндæттæ скодтой æвддæсæм æнусы кæрон. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид дзуæртты, кувæндæтты фæзынды уаг, уæддæр амонынц иу нысанмæ — дунейы сконды нысанмæ. Кувæндон у кувæн бынат, дзуар та цы у æмæ цы амоны? Цæуыл дзурæг у арæзтæй-кондæй, мидисæйхъомысæй? Дзырды алыварс рауад бирæ ныхæстæ зонадон кусджыты астæу, æмæ йæ сæ фылдæр хай хонынц гуырдзиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «дзвари», афтæмæй у рагон ирон дзырд. Гуырдзиаг дзырд «дзвари» фæзынд чырыстон дины тæвагæй, стæй бирæ фæстæдæр. Чырыстийæн мысæггагæй йæ кой дæр нæма уыди, гуырдзиаг адæм сæ мæрдтæн дзуарæвæрд цыртытæ дæр нæма сагътой, афтæ нæ рагфыдæлтæ афæдз балцы цыдысты фурдты денджызты ленкгæнгæйæ æмæ сæ науты ныхтыл дзуарæвæрдæй хастой расткъуымон дыууæ хъилы. Уыдоны руаджы бæрæг кодтой бæстывæрды цæгат æмæ хуссар, скæсæн æмæ ныгуылæн. Дунейы сконды цыппаркъуымон нысан хастой ирон дингæнæг адæм сæ хъуыртыл, стæй сæ бæхты ныхтыл дæр. Дунейы сконды хуызæн сын уыдысты Хур æмæ Зæхх, дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ. Иунæг ран дæр нæй фенæн кувæндоны алыварс амад цыппæрдигъон сис дзуары номыл.Дзуарæвæрды нысан амыдта фадынæджы низтæм дæр, æмæ сæ хуыдтой стыр æмæ гыццыл дзуары низтæ. Сæ бардуæгтæ та уыдысты Урс æмæ Сырх Алардытæ…Дунейы тымбыл нывыкарстыл уыдысты ирон адæмæн амæндтæ дæр, æмæ сæ хуыдтой ныхыдзуæрттæ…Кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ фыдæлтæн уыдысты сыгъдæгдæр бынæтты иугæнæг тыхтæ, æмæ сæ дардтой æфснайдæй. Ныры кувæндæттæ сты æхца æмбырдгæнæн цæнгæт къусчытимæ фæндаггæтты сайæн, стигъæн бынæттæ хохæй быдырмæ. Иумæйаг фиппаинаг. Алы комы дæр уыди кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ Хуыцау æмæ зæдты-дауджыты номыл æрдзон уагыл сыгъдæгдæр бынæтты. Уыдоны номæй аудыдтой, ауæрстой нæ фыдæлтæ райгуырæн зæххы хæрзтыл хъæды къохæй сæрвæты онг. Хуымы зæххæн æмæ артагæн хъæд ихсыди, æмæ ма баззадысты нæфæтчиаджы бынæтты бæрзытæ, нæзытæ дзуæрттæм, кувæндæттæм хæстæг…»    Айларты Измаил

Святилище Таранджелоз — одна из трёх слезинок Бога (наряду с Рекомом и Мыкалгабырта), пролитых им по поводу смерти нарта Батрадза.  На горе Нексис, возле города Аситане, спит вечным сном « орла, что печень клевал у прикованного», там спрятали его в подземном бункере. Над бункером плачущие ассы руками рабов, построили усыпальницу. «…И подтащили его к гробнице, но снова не знали, как внести его туда. Когда несли его головой вперед, он упирался в проем гробницы локтями, когда несли ногами вперед- то ногами…И Бог проронил над ним три слезы, только после æтого зæды и дуаги смогли внести Батраза в гробницу и положили его там. В том месте, где упали три слезы…»Таранджелоз считается древнейшим культом ассов – культом огня и металла. Он утратил свое название и содержание. По многим источникам его подлинное значение скрывается под именем Курдалагона, что повлияло и на сакральный смысл. На сегодня Таранджделоз считают дуагом плодородия, путая его с Уацилла. Поэтому празднование его культа (в четверг в апреле ) проходит, как обычный праздник, возносят кувдыттæ  Хуцауæн, Уастырджи и Таранджылозу.У осетин особое отношение к огню и металлу. Они пронизывают историю, мировоззрение, фольклор, язык, являются неотъемлемой частью клятвы и присяг, с ними связаны представления о долге, чести,чистоте (сыгъдæг – сыгъд-æг). Осетия считается «родиной – матерью железа» (Ф.Кардини, А.Иессен и др.) В сознании осетин железный меч – это символ правды, силы, справедливости. А союз железа и кузнеца, считался священным. Еще сто лет назад , при праздновании культа огня и металла, жертвенное животное посвящалось Курдалагону.

Таранджелоз – покровитель огня и металла. Одно из его мест кувæндон находится в Алагирском ущелье в с. Тиб на вершине высокой горы. Праздник в с.Тиб отмечают два раза в год, весной и осенью . В этом году празднования дня Таранджелоз выпало на 12 апреля. На празднике участвовала  сельская община, представители фамилий выходцев из с.Тиб: Кучиевы, Боциевы, Кайтмазовы, Тедеевы, хотя многие отмечают его в кругу семьи, близких, соседей. На празднование «Таранджелоз» получила приглашение и наша общественная организация «Иудзинад».

В жертву Таранджелозу принесли барана, причем «кусарт» делали кувæндоны бын. Заранее сварили пиво. По решению членов «Дзуæртты æмæ кувæндæтты лæггадгæнджытты Совет», крепких горячительных напитков на празднике не было. С этим решением были согласны все  кто принимал участие в организации мероприятия. Люди пели, танцевали. Молодежь демонстрировала свою ловкость и удаль. Старики, совершив определенный молитвенный ритуал, просили Таранджелоза о ниспослании благодати, тогда они никогда не будут нуждаться в хлебе и зерне.

 

 

Таурæгъ

Зæххон адæм Хуыцауы ном хорз лæгты руаджы базыдтой æмæ йæм тырныдтой адæм, фæндыди сæ, Хуыцаумæ æввахсдæр куы бацæуиккой, хуыздæр æй куы базониккой. Фæлæ-иу хаттæй-хатт не стыр Хуыцауы агургæйæ талынг мæйдары бахаудтой. Уæд та-иу иугай адæймæгтæ фæзынд æмæ-иу адæмы æргом рухсмæ раздæхтой.
Уыцы иугай лæгты хуыдтой пехуымпартæ. Уыцы пехуымпартæй иу уыд Таранджелоз. Иу хатт Таранджелоз рацу-бацу кодта: адæм та-иу талынг ранмæ алæгæрстой, æмæ сæ цæмæй рухсмæ ракæна, ууыл йæхи хъардта.
Иу ран иу гыццыл горæты иу лæг цард. Куыста дурамайæгæй, бон йæ куыстмæ иста абази. Абазийæ дыууæ суарийы йæхæдæг хордта, дыууæ суарийæ йæ сывæллæттæн хæринаг æлхæдта.
Иу бон изæрыгон Таранджелоз уыцы лæджы цурмæ æрцыд æмæ йын афтæ зæгъы:
— Дæ хорзæхæй, Хуыцауы хатыр бакæн æмæ мын ахсæв фысым фæу.
Лæг катайы бацыд æмæ афтæ зæгъы:
— Иу бон абази исын, абазийæ дыууæ суарийы мæхæдæг хæрын, иннæ дыууæ суарийæ та мæ бинонтæн хæринаг æлхæнын. Де ‘рбацыд куы зыдтаин, уæд дыууæ суарийы нæ бахордтаин. Ныр ацы дыууæ суарийæ дæуæн исты балхæндзынæн, мæ бинонтæ ахсæв æххормагæй дæр фæлæудзысты. Æцæг иу хæлд къуымы цæрын. Цом, кæд нæ дæ сæрмæ бахæссай, уæд дын фысым фæуыдзынæн.
— Бузныг дæ дæн,— загъта Таранджелоз,— мæн хæринаг бирæ нæ хъæуы. Хуыссæнгарз дæр мæ пæлæзæй хуыздæр нæ агурын. Æрмæст мын фысым фæу.
Лæг йæ дыууæ суарийæ хæринæгтæ балхæдта æмæ уазæджы йæ хæдзармæ акодта. Къонайы хуылыдз къæцæлтæ гæзæмæ сыгъдысты. Арты алыварс хæррæгъты мидæг уазалæй зыр-зыр кодтой сывæллæттæ. Æнхъæлмæ кастысты, сæ фыд сын хæринаг кæд æрхæсдзæн, уымæ. Сæ мад фæсмын скъуыдтæ къабайы бæгъæмсарæй артыл архайдта. Таранджелоз рæбынæй къодахыл æрбадт, бæгънæг сывæллæтты йæ пæлæзæй бамбæрзта æмæ сæ рæвдыдта. Бинонты змæлдмæ æдзынæг касти. Лæг æмæ ус хæдзары къуымты рауай-бауай кодтой, сæ дыууæ суарийы аргъ хæринæгтæ Таранджелозы размæ æрхæссынмæ цæттæ кодтой. Уæдмæ хæринаг сцæттæ æмæ йæ къодахы лыггагыл Таранджелозы раз æрæвæрдтой. Таранджелоз хæринæгтæй æртæ комдзаджы скодта æмæ бæркад загъта. Бинонтæ фынг айстой æмæ уыдон дæр бахордтой. Таранджелозæн хæдзары къуымы лыстæн байтыдтой, йæ пæлæз йæ уæлæ æрæмбæрзта æмæ схуыссыд.
Райсом раджы сыстад Таранджелоз, бинонтæн арфæ ракодта æмæ ацыд. Иу сыгъдæг суадоны цур æрбадт, йæхи цæхсадта æмæ скуывта:
— О Хуыцау, æркæс уыцы мæгуыр лæгмæ, хорз цард ын ратт, курын дæ, царддæттæг хæрзты хæзнадон, цард ын ратт!
Хуыцау Таранджелозмæ йæ разлæууæг зæд Санибайы рарвыста.
— Цы курыс? — загъта Хуыцауы æрвыст лæг.— Нæ дыууæ дæр Хуыцауы раз уырдыг лæууæм. Фæлæ уыцы лæг цард нæ бавæрдзæн.
Таранджелоз æрзоныгыл кодта æмæ афтæ зæгъы:
— О, Хуыцауы зæд! Уый дыууæ суарийæ уазæг буц куы кæны, уымæ бирæ фæллой куы уа, уæд мæгуырты хæсдзæн. Цард ын ратт.
— Рæдийыс,— загъта Саниба,— цард нæ бавæрдзæн.
— О, æппæт уромæджы раз лæууæг зæд! Курын дæ, цард ын ратт.
— Ацу,— загъта Саниба,— æмæ йæ иу азы фæстæ фен.
Зæд арвы тыгъдады аныгъуылд. Таранджелоз та йæ фæндагыл ацыд. Иу азы фæстæ Таранджелоз мæгуыр лæгмæ сæмбæлд. Лæг йæ хæдзары бынаты стыр уæладзыг хæдзæрттæ сарæзта, бынæй — дуканитæ. Лæг йæхæдæг уæладзыгæй уынаффæ кæны. Уыцы афон Таранджелоз дæр бахæццæ æмæ кусджытæй иумæ дзуры:
— Ам дурамайæг кæм цæры, уый мын бацамон.
Дурамайæг фехъуыста Таранджелозы ныхас æмæ йæ кусджытыл фæхъæр кодта:
— Цæвут æй, уый дурамайæг кæй хоны?
Кусджытæ Таранджелозыл амбырд сты æмæ йæ диссаджы над фæкодтой.
Таранджелоз æрдæгцъæррæмыхстытæй аирвæзт æмæ та уыцы суадоны цур æрæнцад æмæ йæ тугæрхæмттæ æхсадта. Уалынмæ та йæм Хуыцауы зæд раргом æмæ йын афтæ зæгъы:
— Федтай, цы хуызæн сси уыцы лæг?
— Федтон, æмæ мæ хорз дæр федта, ныттугæрхæмттæ дæн.
— Уымæн дын дзырдтон: цард нæ бавæрдзæн. Ацу ныр æмæ та йæ иу азы фæстæ фен.
Зæд та арвы тыгъдады аныгъуылд. Таранджелоз дæр та йæ фæндагыл араст. Иу азы фæстæ та Таранджелоз зæды ныхасмæ гæсгæ уыцы лæгмæ фæзынди, фæлæ хæдзармæ хæстæг бацæуын нал уæндыд — нæмынæй тарстис. Афтæмæй лæджы хæдзар æндæр лæг балхæдта, цард йæ мидбылты кæмæ худт, ахæм. Уæладзыгæй Таранджелозы куы федта, уæд йæ кусджыты рарвыста.
— Æрбахонут æй æмæ йæ фæллад суадза, æмæ йæ хорз фенут, кæд исты хъуаг у, миййаг.
Кусджытæ йæм рацыдысты, фæлæ Таранджелоз фæтарст æмæ фæцæйлыгъд. Кусджытæ йæ фæстæмæ раздæхтой æмæ йæ хæдзары хицаумæ скодтой, хæдзары хицау ыл бацин кодта, буц фынг ын йæ разы æрæвæрдта, хорз æй суазæг кодта. Хæрд куы фесты, уæд Таранджелоз хæдзары хицауы бафарста:
— Ам раздæр чи цард, уыцы лæг цы фæци? Уый йын афтæ зæгъы:
— Уымæн Хуыцау цард радта, æмæ йæ дарын нæ базыдта.
Мæгуырты йæ сæрмæ нал хаста, къæбæр никæмæн лæвæрдта, бæлццонуазæг йæ хæдзармæ нæ уагъта æмæ та фæстæмæ йæ гаччы абадт: бон та иу абазийыл кусы.
Таранджелоз хæдзары хицауæн арфæ ракодта æмæ ацыд. Уыцы суадоны цур та æрæнцад æмæ та йæм зæд æргом рацыд.
— Федтай уыцы лæджы? Таранджелоз фефсæрмы æмæ афтæ зæгъы:
— Уыцы лæг цы агуырдта, уый ссардта, цард кæуыл æмбæлд, уымæн æй радта Хуыцау. Ныббар мын, Саниба, мæ рæдыд. Саниба йын афтæ зæгъы:
— Уæдæ Хуыцау зоны, кæмæн цы хъæуы, уый.— Æмæ арвы тыгъдады аныгъуылд.
Таранджелоз та зæххыл зылди хъæуи-хъæу æмæ адæмæн цæрын амыдта. Амыдта сын, хъæздыгдзинад лæджы йæхиуыл кæй фервæссын кæны, фæллой цæстыфæныкъуылд йеддæмæ кæй ницы у, адæймаг та фæстаг кæрдзыны къæбæр дæр кæй хъуамæ дих кæна, хъуаг дзы чи у, уыимæ.
Гъе уыцы хъуыддæгтæ амыдта адæмæн Таранджелоз.

 

Пресс служба Общественной организации «Иудзинад»

 

http://iryston.tv/teleproject_release/tarandzhelos

 

 

 

 

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*