Комахсæн æмæ комбæттæн

Адæймаг æрмæст бахæрын æмæ баназынмæ нæ рантыст ацы дунемæ, хъуамæ рæстæгæй­рæстæгмæ ахъуыды кæна йæ уды сыгъдæгдзинадыл дæр. Æмæ Комахсæнæн фыццаджы­фыццагдæр ис уыцы нысаниуæг. Бæрæгбон вæййы, Ногбонæй фондз­æхсæз къуырийы куы рацæуы, мæй куы сног вæййы, уæд. Фылдæр хатт вæййы æртхъирæны мæйы дыккаг къуырийы Хуыцаубон. Бæрæгбон­иу райдыдта цыппæрæмæхсæв. Ахаста­иу дыууæ къуырийы. Фыццаг къуыри – Фыдыкомбæттæн, дыккаг – Урсы къуыри. Алы бонæн дæр – йæхи сæрмагонд нысаниуæг. Фыццаг къуыри­иу райдыдта хуыцаубоны, уæд­иу акусарт кодтой. Æмæ уымæ гæсгæ уыцы бон хуыйны Галæргæвдæн Хуыцаубон. Уæд ма къуырийы дæргъы уыд дзидза хæрæн. Къуырисæр – Алардыйы бон, табу æмæ йын лæгъстæ кодтой, фæдзæхстой йыл сабиты, йе ргом сæм куыд никæд раздаха, йæ чъылдыммæ йын кувдзысты. Адæм тарстысты, Алардыйы зæрдæхудты куы бацæуой æмæ сæ куы бафхæра, дзуарæй куы фæрынчын уой. Дыккаг – Уастырджийы бон. Адæм уыдысты хъæлдзæг, зарыдысты, кафыдысты. Цыппæрæмы мысыдысты сæ мæрдты, уыцы бон ма табу кодтой Мыкалгабыртæн дæр, цæмæй бæркадджын, хор æмæ фосæфсæст уой. Уыцы бон кусын не мбæлди. Майрæмбон – Мады Майрæмы бон. Сабаты мысыдысты сæ мæрдты, иумæ­иу сын хист скодтой. Къуырийы дæргъы­иу аргæвстой дыууæ­æртæ кусæрттаджы. Уый фæстæ­иу цæттæ кæнын райдыдтой Урсы къуыримæ. Къустæ æмæ иннæ мигæнæнтæ­иу сыгъдæг ныхсадтой, сойы, дзидзайы фæд сыл куыд нæуал баззайа, уымæн æмæ уæд дзидза æмæ дзидзайæ конд хæринаг хæрæн нал уыд, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринæгтæ. Бæрæгбонмæ­иу сæрмагондæй бацахстой цыхтытæ, фæззæджы­иу царв скодтой æмæ­иу æй нывæрдтой Урсы къуыримæ. Хуыцаубоны­иу изæрæй бинонтæм æнхъæлмæ каст дзаджджын фынг. Къуырисæры дардтой мархо, æхсæвæрæн­иу сцæттæ кодтой мисын, чъиритæ, хъайла, урсагæй конд хæринæгтæ. Урсы къуыри ныр адæм фылдæр зонынц Цæрвхæрæнтæй. Чъиритæ­иу царвæй парахат байсæрстой. Фæззæджы Цæрвхæрæнтæм цы царв сæвæрдтой, уый­иу систой. Уымæй фыццаг бахæрыны Комахсæны бæрæгбон ныр адæм фыццаджы хуызæн нал кæнынц, фæлæ бынтон рохуаты дæр нæ баззад.

Ограничения в потреблении пищи — подготовка

Человек приходит в этот мир не только есть и пить, иногда он должен подумать и о своей душе, очистить свой организм, и Комахсæн, в первую очередь, предполагает это. Праздник начинался спустя 5 -­ 6 недель после Нового года, в новолуние. Чаще всего он приходился на второе воскресенье февраля и длился две недели. Первая неделя называлась Фыдыкомбаттан, или неделей заклания быка (заговенье, во время которого разрешалось есть мясо), вторая – Белой неделей (заговенье, во время которого можно есть только молочную пищу). Первая неделя начиналась в воскресенье, когда закалывали быка. Каждый день нес определенную нагрузку. Понедельник – день Аларды. Его гнева боялись и потому молились ему, просили, чтобы он взял детей под свое покровительство, чтобы никогда не поворачивался к ним лицом. Вторник – день Уастырджи. Люди веселились, пели, устраивали танцы. В четверг поминали покойников. Молились в этот день и Мыкалгабыртæ, просили изобилия, хорошего урожая и умножения скота. Работать в этот день не полагалось. Пятница – день Мады Майрæм (Мады зæд). В субботу вновь поминали покойников, устраивали общесельские поминки. В течение недели делали два­ три кусарта. Затем начиналась подготовка к Белой неделе, это был канун поста. Посуду чистили так, что на ней не оставалось даже запаха жира или мяса, ибо в Белую неделю нельзя было употреблять мясную пищу, ели только молочные продукты, которые заготавливались заранее.

 КОМБÆТТÆН

Цæрвхæрæнты къуыри куы ахицæн вæййы, уæд къуырисæры райдайы Комбæттæн. Раздæр ирон адæмæй бирæтæ дардтой ком, хордтой æрмæстдæр урсагæй конд хæринаг. Дыццæджы мархо дардтой Уастырджийы тыххæй. Мархо дардтой нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæггæ дæр. Æртыццæджы ком дардтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ, хуыдтой йæ цъиуты комдарæн. Сæ ком­иу куы суагътой, уæд­иу скуывтой, цæмæй сæ мæргътæ æнæфыдбылыз уой, фылдæрæй­фылдæр кæной, хорз хъуыддæгтæн хъæуой. Цыппæрæм уыд Рæстмæйы бон. Ком дардтой нæлгоймæгтæ дæр, сылгоймæгтæ дæр. Сæ ком­иу куы суагътой, уæд скуывтой, цæмæй сын рæстмæгæнджытæ, ома дзуæрттæ сæ хъуыддæгтæ рæстмæ кæной, фидæн аз сыл хуыздæрæй æрцæуæ.

 Ограничения в потреблении пищи

Начинался после Комахсæна. Раньше многие осетины держали пост, ели только молочную пищу. Во вторник пост держали в честь Уастырджи. Постились и мужчины и женщины. В среду постились только женщины, называлось это «птичий пост». После окончания поста обращались к Богу с молитвой, чтобы милостью Его увеличилось поголовье домашней птицы, чтобы употреблялась она на добрые дела. Четверг был днем Раста. Постились как женщины, так и мужчины. Женщинам нельзя было пить. После окончания поста возносили Богу молитвы, просили, чтобы растмаганджыта, т.е. дзуары, помогали людям в делах, чтобы будущий праздник встретили еще лучше.

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*