Культурон-рухсадон организаци «Иудзинад»-ы советы уæнг ГАЦОЙТЫ Анна
Советон цардæвæрд фехæлдыл бирæ азтæ разгъордта. Адæмæй чи цин кодта, чи та хъыг, чи февнæлдта бынтæ кæнынмæ, чи та æгуыстæй бампылд. Фегом ысты арæнтæ, цымыдисаг бæстæтæ acaйдтой сæхимæ cыгъдæг æмæ æнæхæлд удты. Фæлæ царды фæзилæнтæ хуры тынтимæ ихкъæвда дæр расайынц. Хæххон донау азгъордтой бирæ азтæ æнæ сæрфатæй. Зилгæ ызнæт дымгæ футтытæ гæнгæ йæхи иуфарс куы айста, уæд адæм исдуг джихæй аззадысты…
Дурджын быдыртæ æнæ хор, æнæ фос. Нæ царды уагтæ куыдфæндыйыл æвæрд, афтæмæй нæ ивылд лакъондон ласы сæрбихъуылæйттæгæнгæ. — Æнæнхъæлæджы рухстауæн хæхтæй райхъуыст Ацæмæзы уадындзы зард.Хуыцау æмæ зæдты ‘сконд зæхх базмæлыд йæ тарфынæйæ, æмæ нæ раг фыдæлты цæхæрæй Иры бæстæ ныррухс. Нæ нæртон симдмæ,нæ фæндыры зæлтæм дуне цымыдис хъуыст ныккодта. Нæ зæрингуырд фæсивæд сæ хъару æмæ фарнæй архайынц нæ Иры кад ноджы бæрзонддæр сисыныл.
Фемæхсти нæ фæсивæды дадзинты сæ ирон туг. Кæрæдзимæ æнгом æрлæууыдысты æмæ нæ æнусон фыдæлты хæзнатæн сæ зæрдæты арф бынат ыскодтой. Рæстдзинады фæндагыл цæугæйæ адæм Иудзинадимæ кæрæдзийæн ныфс ысты. Æмзондæй архайынц цæмæй райсомы бон цæх арвыл хур кæса æмæ алкæйы дæр тава. Цæмæй Хуыцауы сконд ирон адæмæй алчи дæр йæ уды рæбын сыгьдæгæй хæсса æнусо фыдæлты цæхæр. Ирон тугæн æнæ ирон æгъдау æмæ ирон æфсармæй цæрæн нæй. Æвæдза, уæдæ цæй уарзон ысты Ирон адæм Хуыцæуттæн. Сæ æххуысæй та абон нæ цæхæрцæст фæсивæд раст фæндагыл æрлæууыдысты, æмæ сæ хъару ноджы тыхджындæр куыд уа уыцы арфæ cæ уæд. Cæ сыгъдæг удварны иудзинадæй цы нæмыг тауынц, уый нæ адæмæн царды хос куыд уа уый Хуыцауы цæст бауарзæд. Æрвон рухсæй хайджын ысты ирон адæм æмæ йæ цæхæр куынникуы фесафæм уыцы хъæру нæм уæд.
Ног азы къæсæрыл адæмы зæрдæтæ æнæнхъæлæджы царды хæрзтæй куыд ныррухсой, æмæ cæ тыхстытæ куыд æрбайсæфой уыцы арф cæ уæд. Кæддæрау æнæмæтæй худын æмæ цæрын куыд райдайой уый сын мæ зардæ зæгъы. Нæ хæтæнхъуаг фæсивæд сæ хæдзæрттæм куыд æрыздæхой æмæ нæхи зæххыл цæрынæй цы бафсæдой уыцы хорз сыл æрцæуæд. Нæ хистæртæ буц куыд ой, нæ рæзгæтæ цардæфсæст ахæм хорзæх уæлæрвтæй æрцæуæд.
***
Мæнгард куывд уæлæрвтæм хъуысы.
Фæкъул нæ фыдæлты нæргæ кад,
Фæхуыссы ‘гъдау дæттæг æфсарм.
Фыдбоны нуæстæй бæстæ фегад,
Мæгуыргур адардтам нæ арм.
Кæддæр зæххы къори æнкъуысти ,
Фыдæлты хсар æмæ тыхæй.
Ныр абон афтид чъизи удтæ,
Cæхи æмбæхсынц бæрцытæй.
Фæци нæ æнæмæт цард раджы,
Нæ паддзах хинæй ныл æрзылд.
Æнгом нылвæзта царды рохтæ ,
Тæры цагъармæ нæ бæлвырд.
Тыхст заман ивылд донау ‘нхъæвзы,
Куыстагур хæтæнты хæтæм.
Сæркъулæй ‘хуырсты къæлæт дарæм,
Пахуымпартæн лæггад кæнæм.
***
Фыдæлты зæххы, куывдтон хæхтæ ,
Мæ райгуырæн уæзæг.
Цæй зынаргъ дæ ды зæрдæйæн,
Мæ удæн цард дæттæг.
Зынг хуры тын сæумæрайсом,
Куы айтындзы йæхи.
Фынккалгæ терк куы ныззары,
Хуыздæр бæстæ кæм и .
Хуыцауы фарнæй хайджын дæн,
Ыстыр бузныг дзы дæн.
Кæй райгуырдтæн Ирыстоны,
Æргом дзуæртты æхсæн.
Мæ уидæгтæ ам арф ысты,
Сæ ныфсæй дæн тыхджын.
Дæрдтыл хъуыстгонд ныййарæг зæхх,
Нæ фæсивæд цытджын.
Æппæт Ирыстон хъахъæнæг,
Хуыцауы ‘Ргом цæссыг.
Нæ дзуæртты сыгъдæг арфæтæй,
Нæ цардамонд фæрныг.
***
Уæдæ цæй зынаргъ дæ, Иры зæхх,
Хуыцау æмæ зæдты ‘сконд.
Уарзон, фæрнджын бæстæ иууылдæр,
Дунейыл дæ ном у хъуыстгонд.
Хохæй быдырмæ зæдбадæн Ир,
Рухс кувæндæттæй хъæзынг.
Хур дæр нæ тавы æндæр хуызон,
Табуйаг Хуыцауы цæссыг.
Нæ куырыхон хистæрты намысæй,
Амайæм хъæддых мæсыг.
Хуссарæй Цæгатмæ быдырты,
Тауæм бæркадджын нæмыг.
Царды кæрæдзийы хорзæхæй,
Уарзонæй иумæ цæрæм.
Зæрдæйæ ысбуц кæнæм уазæджы,
Рæдауæй нæ бæркад дæттæм.
Цъититæ ивылгæ хæхбæстæй
Стыр наумæ заргæ тырнынц.
Нæ нæрæмон фыдæлты ирд цæхæр,
Нæ фæсивæд бæрзонд хæссынц.
***
Мæ Ир! Мæ уд дæ хъæбысы ‘ схъомыл,
Дæ урссæр хæхтæй дæн ныфсджын.
Нæ раг фыдæлты сойджын зæххыл,
Мæ фыццаг къахдзæф уыд фæрнджын.
Ныййарæг уæлвæзтæн сæ риуыл,
Сæууон зæлдаг хурмæ рæзтæн.
Фынккалгæ ‘ хсæрдзæнтимæ иумæ,
Ныззарыдтæн къæйдурты ‘хсæн.
Хуыцауæй у бæрг мæ фæндаг,
Æппæт дæр фыст вæййы ныхыл.
Бæркæдтæй емдзаг у мæ рифтаг,
Рæдау сæ уардзынæн зæххыл.
Мæ Ир! Хæххон чызджы ныййарæг,
Дæ аллы дур дæр мын зынаргъ.
Мæ сæр æрхæсдзынæн нывондæн,
Хъæбулау дын кæндзынæн аргъ.
***
Тæтæры ныббырсты тугкалæн хæсты,
Саусыгъдæй баззад Алантæн сæ зæхх.
Цъитиджын зæдбадæн арфæйаг хæхты,
Хуыцауы сконд алайнаг суагъдта йæ бæх.
Æрдзæй хæд-зонд адæм, удæй хъæбатыр,
Уæлладжыры комы æркодтой бынат.
Уазал лæгæтæй сæнары тæф ракалд,
Ыссыгъди тыхджындæр нæ фыдæлты арт.
***
Иу бон Зæрæмæджы дзыллæ cæ ныхасы,
Номдзыд Зурабмæ лæмбынæг хъуыстой.
Тугдзых тыхгæнджытæ ‘взыстой сæ цардмæ,
Сусæг-æргом та сæм хæхтæм бырстой.
Магкайы фырты фæндонимæ адæм,
Иу хъуыды, иу зондæй скодтой тæрхон.
Уырысы паддзахмæ курдиат æрвыстой ,
Æвзæрст лæггæн хæхбæсты загъдтой хæрзбон.
***
Хистæртæ бæлцæтты дзуæрттыл фæдзæхстой,
Кæмтты фæндарасты зарæг нæрыд.
Адæмы сæраппонд Иры хæхбæстæй,
Петырбухмæ минæвар барджытæ цыд.
Миназтæ разгъортта уыцы рæстæгæй,
Иры зæхх абон фæрнджынæй цæры.
Магкаты Зураб Зæрæмæджы хъæуæй,
Æппæт бæстæм зæдбадæн хæхтæй кæсы.
Отправить ответ