ЗАЗХÆССÆН (Назуттæ)
Ног мæрдты уалдзыгон кæндтытæй иу у Зазхæссæн. Ирон адæмæн сæ иу хай кæнынц Зазхæссæнтæ, иннæтæ та БАДÆНТÆ, Бадæнæхсæв.
Зазхæссæн вæййы, Куадзæнмæ ма къуыри куы баззайы, уæд, сабаты. Баст у заз бæласимæ. Æнусон цъæх бæлас – царды, фидæны нысан. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ сцæттæ кæнынц фынгтæ алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозтытимæ. Заз кæнæ нæзы бæласыл æрцауындзынц адджинæгтæ æмæ дыргътæ. Заз бæлас арæхдæр кодтой сылгоймагæн, нæлгоймагæн та арæзтой æлæм. Цыллæ бæттæнтæй-иу скодтой хызы хуызæн, цыма тырыса у, афтæ. Æрцауыгътой-иу ыл адджинæгтæ æмæ дыргътæ, алыхуызон лыстæг дзаумæттæ: цъындатæ, къухмæрзæнтæ, бапъирозтæ æмæ а.д. Ныххæлар-иу æй кодтой фынджыдзагимæ æмæ-иу æй бæхыл рахастой, уынггы-иу адæм фылдæр кæм лæууыд, уым-иу æй ныууыгътой, æмæ-иу æлæм уæлмæрдмæ ахастой, ингæныл-иу æй ныссагътой. Заз бæлас-иу уæлмæрдтæм ахастой сылгоймæгтимæ, ныххæлар-иу æй кодтой, йæ уæлæ цы уыд, уыдон-иу æртыдтой æмæ-иу сæ сылгоймæггыл байуæрстой, бæлас та-иу цырты цур сæвæрдтой. Ныры рæстæг, зæгъæн ис, æлæм ничиуал кæны, фæлæ ма заз бæлас саразынц. Аразынц ма хъæдæй кæнæ телтæй гыццыл бæласы хуызæн, сфæлгонц, срæсугъд æй кæнынц, æрцауындзынц ыл адджинæгтæ, къафеттæ, дыргътæ, хонынц æй – цырагъ |
Один из весенних праздников поминального цикла, посвященных усопшим в течение года (см. Зазхæссæн). Выходцы из некоторых ущелий справляют БАДÆНТÆ, другие – Зазхассан.
Зазхассан справляют в субботу, когда до Пасхи остается неделя. Название праздника связано с елью, сосной, тисом – вечнозеленым деревом, что является символом жизни. К празднику накрываются богатые столы, на ель или сосну вешают конфеты, орехи, различные фрукты. Ель (сосну) чаще наряжали для женщин покойниц, для мужчин делали алам. Алам посвящали покойному, и всадники, участвующие в скачках в память о покойном, провозили его по улицам, тряся в наиболее людных местах. Затем алам отвозили на кладбище. Ель также отвозили на кладбище. Совершив обряд посвящения, раздавали нанизанное на ней женщинам, а ель оставляли у могилы. В наше время алам уже не делают, но ель еще наряжают. Помимо этого из жердочек и проволоки делают подобие небольшого деревца, которое также обвешивают сладостями и фруктами. Называется это – цырагъ.
|
Отправить ответ