Дзуæрттæн лæггадгæнджыты æмæ кувæг лæгты сидт Ирыстоны адæммæ

Нæ рагфыдæлтæ куывдтой нозты æгъдауæй, бæгæнийæ, къуымæлæй. Сывæлæттæн та, Мады Майрæм-тæ куы агуырттой, æхсырæй дæр куывдтой.

Бæгæны сæрмагондæй кодтой стыр Дзуæртты бын, уыдис бæгæны кæм кодтой ахæм сыгъдæг бынæттæ æмæ фыхтой бæгæны уыцы бынаты. Уыцы бынаты конд бæгæны уыдис уæларвон тыхтæй хайгонд. Бæгæны фыхтой кæддæриддæр нæлгоймæгтæ, æххуыс цын кодтой дон хæссынмæ æрыгон чызытæ, чындзы цыд чи нæма уыд, ахæмттæ. Дон хастой суадонæй. Бæгæны чи фыхта, уыдон архайдтой фыцгæйæ цæмæй хъæр ныхас ма скæной ууыл. Тарстытсты куывинаг бæгæны æфхæрд куы байафа, уæд йæ уæларвон ратгæ тых куваджы куывды фæстæ лæмæгъ кæны зæъгæ.

Куывæгаг чъиритæ æмæ нывонд, куывинаг хайттæ дæр хъахъхъæдтой афтæ. Ахæм сыгъдæг куывинæгтæй Дзуары лæггадгæнæг, халæй æвзæрст чи у, уый, Хуыцауы ном куы ссара куывдæй, уæд æнæмæнг Дзуар кæны æххуыс. Афтæ куывтой нæ рагфыдæлтæ. Карз нозт-арахъхъ æввахс нæ уахтой кувæндонмæ. Хуыдтой йæ хæйрæджы дон æмæ афæдзы кæрон хæйрæджыты æхсæв куы вæййы, уæд сын сæхи нозтæй сæ ном æхсæвы ‘ссарынц.

Арахъхъæй ма рухсаг фæдзæхсынц ас адæймагæн дæр, æцæг бæстæм чи ацыди, уымæн. Фыдæлтæ йæ зыдтой, æцæг бæстæм ацæуæгæн йæ фæндаг сау дунейыл кæй уыдзæн, уый. Уым та сау тыхтæ æмæ дæлимонтæ кæй хицауиуæг кæнынц.

Курдиат Ирсытоны адæммæ, йæхи ирон чи хоны уыдонмæ: курæг æстæм, Æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы «Ирыстоны дзуæрты æмæ кувæндæтты лæггадгæнджыты Совет»-ы номæй, «Иудзинады Хистæрты Ныхас»-ы номæй, ма уал хæссут карз нозтыттæ Дзуæрттæм æмæ Кувæндæттæм. Ма уал кувут Хуыцауы æмæ йæ сконд Зæдтæм æмæ Дуæгтæм карз нозтæй . Нæ куывд гъеуæд Хуыцаумæ хæццæ кæндзæн æмæ Ирыстон фæрнæйдзаг уыдзæн.

Фидаргонд æрцыд «Дыггаг Æппæтирыстоны Мыггæгты Форумы»                                        
рухæны мæйы. 19 бон. 2017азы.

http://15ironpost.ru/novosti-osetii/obshchestvo-osetii/dzu-rtt-n-l-ggadg-ndzhyty-m-kuv-g-l-gty-sidt-irystony-ad-mm

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*