«Иудзинад»-ы ног хъæппæрис

Нæ хæхбæсты кувæндæттæ нæ удварны хæзна- тæ сты, æмæ уыдон бахъахъхъæнын, сæ фыццагон хуыз æмæ мидис сын сæ гаччы сбадын кæнын, уыцы ахсджиаг хæс æмæ уæззау уаргъ йæхимæ райста Цæгат Ирыстоны регионалон культурон- рухсадон æхсæнадон организаци «Иудзинад». Уыцы ахсджиаг фарста- йыл æрныхас кæныны охыл расидтысты Ирыстоны кувæндæттæн лæггадгæнджыты æмæ кувæг лæгты I съезд. Æрхуыдтой йæм алы кæмттæй, алы хъæутæй — Цæгатæй Хуссармæ Иры хистæрты. Æмæ дзы æрбамбырд бирæ адæм. Æмбырд та арæзт æрцыд Хетæджы Уастырджийы кувæндоны бын 4 майы. Съезды куыст цыбыр разныхасæй байгом кодта «Иудзинад»-ы сæрдар Кучиты Батрадз. Уый сæйраг фарстайы фæдыл ныхасы бар радта Цомайты Тамерланæн, стæй та Уарзиаты Толикæн. Уыдон æрныхас кодтой ахæм ахсджиаг фарстатыл: Чи хъуамæ уа кувæг лæг? Цы у йæ хæс кувæг лæгæн? Дзуарыбын кувæг лæгæй уæвын алкæй бон нæу. Кувæг лæджы кодтой æвзаргæ, фылдæр хаты та хæлттæ исгæйæ. Хæлттæ исынмæ дæр æвзæрстой хуыздæртæй хуыздæрты. Кувæг лæг хъуамæ уа, фыццаджыдæр, удæй сыгъдæг, рæстзæрдæ, цæстуарзон. Искæй кувинæгтæ хъуамæ кува, йæхи бинонтæн куыд фæкувы, афтæ: сыгъдæг- зæрдæ æмæ цæстуарзонæй.

Съезды раныхас кодтой:

КОЗАТЫ Петр: — Ирон адæмы равзæрд æмæ истори, хъыгагæн, бирæ æнусты бын баззад. Ирон адæм тынг рагон кæй сты, уый абон дызæрдыггаг никæмæнуал у. Мах, ирон адæмы, хонынц Хуыцауы хъæбултæ. Нæ рагфыдæлтæ куывтой Иунæг Кадджын Хуы- цаумæ. Уыдон Чырыстон дины аргъуанты хуызæн рæсугъд кувæн бынæттæ нæ арæзтой, фæлæ агуырдтой бæрзонд сыгъдæг бынæттæ. Амадтой сæ хохаг дурæй, кæннод та æнусон бæласы бын. Уымæ гæсгæ Чырыстон дины иуæй-иу кусджытæ фæдзурынц ахæм æнæууылд ныхæстæ, цыма ирон адæм дуртæ æмæ бæлæстæм кувынц. Уый раст нæу!

ДЗАНАЙТЫ Славик: — Ирон адæм рагæй дæр хохы дзуæрттæм куывтой, фæлæ адæм быдыры хъæутæм фæлыгъдысты, æмæ нæ кувæндæттæ кæмдæр рохуаты аззадысты. Уæддæр а фæстаг 15— 20 азы ирон адæм се ‘ргом тынгдæр аздæхтой сæ фыдæлты рагон кувæндæттæм. Абон ам цы кадджын хистæртæ æрбамбырд, уыдонæй алчидæр кæстæр фæлтæрæн хъуамæ дзура æмæ йæхæдæг дæнцæгæн бæзза, кувæндоны хи дарын куыд хъæуы, уымæн.

КУЫДЗИАТЫ Тасолтан (Тырсыгом): — Фыццаджыдæр, стыр бузныг зæгъын «Иудзи- над»-ы уæнгтæн, Ирыстоны алы къуымтæй утæппæт адæмы кæй æрбамбырд кодтой, уый тыххæй. Ацы дзыллæтæ æмдых, æмзон- дæй куы бавналой, æрмæст уæд бафтдзæн нæ къухы æнтыстдзинæдтæ. Тырсы гомы уыди 9 кувæндонæй фылдæр. Абон нын нæ ком- бæстæм бацæуыны бар æмæ фадат нал ис цавæр дæр къуыдипп политикты æдылы уынаффæты аххо- сæй. Нæ кувæндæттæ дзæгъæлæй баззадысты, нæ фыдæлты уæлмæрдтæ дæр афтæ. Къостайы ныхæстæ ныл æрцыдысты: «Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц». Нæ кувæндæттæ дзæгъæлæй баззадысты, фæлæ, цæмæй рæзгæ фæлтæрæй бынтон ма ферох уой, уый тыххæй нæ зæрды ис иумæйаг кувæндон саразын æппæт комбæсты зæдты номыл хæстæг ран.

МАМИАТЫ Таймураз: — Мæ размæ дзурджытæ бæззон æмæ хъæугæ уы- наффæйы ныхæстæ загътой, æмæ уыдон фæлхат нал кæндзынæн, фæлæ мæм ис фарстайы хуызы ныхас. Нæ фыдæлтæ ку- вæндæтты бынæттæ бæ- рæг кодтой хæлттæ æппар- гæйæ, кæннод таиу, зæд æрбадгæ чи кæм федта, уыцы бынаты. Бынат та æвзæрст цыди бæрзонд, сыгъдæг ран, хъæуæй дæрддзæф æвæрд, фосы къах дæр æм куыд нæ хæццæ кодтаид, ахæм ран. Уымæй уæлдай кувæндонæн иу бынатæй æндæр ранмæ рахæссæн нæ уыди, Дзуарæй хатыр нæ ракургæйæ. Кæцæй йæ хæссай, уым æмæ йæ ног бынаты дæр хъуамæ акæнай кусарт, хатыр æмæ бар ракургæйæ. Уый фыдæлты фидар æгъдау у. Абон та ма акæсæм паддзахвæндаджы былгæрæттæм, кувæндæттæй бай дзаг. Ахæм бынæтты кувæндон чи аразы, уый, æвæццæгæн, йæхи кувæг æмæ хъæппæрисджын лæгыл нымайы, фæлæ уый, мæнмæ гæсгæ, рæдыд хъуыддаг у. Фыдæлтæй дзæгъæлы нæ баззад ахæм ныхас, кувæндонау сыгъдæг æмæ аив, зæгъгæ. Фæндаджы был та, Хуыцау дæр æмæ адæм дæр мын æй ныххатыр кæнæнт, фæ- лæ дзæгъæл куыйтæ æмæ гæдытæ кæм чъизи кæнынц, уый цавæр кувæндон у? Ацы фарстамæ дæр «Иу- дзинад»-ы уæнгтæ æмæ, кæй территорийыл сты, уыцы администрациты бæрнон кусджытæ иумæ куы æркæсиккой æмæ ацы æнæуаг, æнæзæрдæмæ- дзæугæ митæн кæрон куы скæниккой, уæд уый хорз уаид.

БАСКАТЫ Таймураз: — Хетæджы Уастыр джийы кувæндонмæ ив гъуыд æнусы 50-60-æм азты куывды фылдæр æмæ арæхдæр цыдысты, йæ алыварс цы хъæутæ ис, уы- мыты цæрæг адæм. Рæс- тæг цæуы æмæ царды уавæртæм ивддзинæдтæ хæссы. Абон Хетæджы къох сси ирон адæмы иумæйаг кувæндон — Цæгатæй-Хуссармæ. Адæм цæуынц кувынмæ канд йæ боны нæ, фæлæ, сæрдæй-зымæгæй алы хуыцаубон дæр. Кувын бæргæ хорз хъуыддаг у, фæлæ стыр хъыгагæн, бирæтæй æрбайрох вæййы, кувæндоны сыгъдæгдзинад дæр ахсджиаг кæй у, уый. Уымæ гæсгæ хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ иумæ- йаг уынаффæ рахастой æмæ се ‘хсæнæй равзæрстой лæггадгæнджыты къорд авд лæгæй. Ацы æхсæны æвзæрст лæгтæ сæ цæст дарынц Хетæджы кувæндоны сыгъдæгдзи- надмæ. Æвзæрст та цæуынц æртæ азы æмгъуыдмæ, ацы аз се ‘мгъуыд фæци раздæры æвзæрст лæг- тæн, æмæ нæ ныр та равзарын хъæуы ног лæггадгæнджыты къорд. Съезды делегатты размæ хаст æрцыд фараст кандидаты уыдонæй алкæуыл дæр схъæлæс кодтой хицæнæй. Съезды архайджытæ ма схъæлæс кодтой æмæ сфидар кодтой, хорзыл æй банымайгæйæ, «Сидт Ирыстоны адæммæ!». Бæстон ыл бакуыстой «Иудзи- над»-ы уæнгтæ.

 

ДЗÆУЫГТЫ Таймураз

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*