«Ирыстоны дзуæрты æмæ кувæндæты лæггадгæнджыты Советы» уæнгттæ сæ уынаффæтæм гæсгæ æрбамбырдысты «Хетаджы Къохы» кувандоны бынмæ. Сыгъдæгзæрдæйæ скувтой æппæтæй. Ирыстоны бинонты æмæ сæ уарзон адæмы Хуыцау æмæ Уастырджийыл сыгъдæг зæрдæйæ бафæдзæхстой. Фыццаг Хуцаубоны Сусæны мæйы «Тымбыл къохы» (Хетаджы къохы) цæмæ баст у бæрæгбон æмæ куыд равзæрд, уыдæттыл бирæ æрмæг фыст ис сайты iudinad.com зындгонд адæмы æмæ куырыхон хистартты ныхасмæ гæсгæ. Ацы аз æрцыд 01 боны Сусæны мæй.
Отправить ответ