Æртхъирæны мæй

Дзырд æртхъирæн цы амоны, уый бæрæг у, фæлæ мæй афтæ цæмæн хуыйны, кæмæ æртхъирæн кæны, уый алчи нæ зоны. Уый фæдыл ис сæрмагонд таурæгъ. Куыддæр февраль кæронмæ фæцæйхæццæ кæны, афтæ адæм уалдзæджы комулæфт банкъарынц æмæ зымæгмæ зынæввæрсон цæстæй акæсынц, нал дзы фæтæрсынц. «Зымæгæн йæ хъару фæци — цигайнаг йæ кæрц уæймæ рахаста», — афтæ арæх фæзæгъынц.

Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта зымæджы кæрон кæй æрцыд, ныр йæ фосæн æххормагæй фесæфæн кæй нал ис, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ уадындзы хъæлæсæй базарыд. Уый февралмæ хъыг фæкаст, цæуылнæ мæ тæрсы, зæгъгæ. Æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд, — йæ рæстæг фæци. Уæд æрхатыд мартъимæ: æркуырдта дзы æртæ боны, фыййауæй йæ маст райсынæн, æз, дам, ын йæ фос æххормагæй аскъуынон.

Радта йын æртæ боны мартъи… Уыцы æртæ боны ахæм хъыст-тымыгъ скодта æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи радардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд. Хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*