Алардыйы бæрæгбон

Аларды у карз бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтææмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ. Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æмкуывтой тæрсгæ -ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты. Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæйарæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæрсылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой. Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр. Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урсуæрыкк. Кувгæйæ- иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ де уазæг, не стыртæн цæстырухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма рцу, куы рцæуай, уæдхъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз».Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувыæмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы.Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи тайæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты.
Ирон мифологийы æппæты карздæр бардуаг, сывæллæтты низфадынæджы бардуаг. Рагон Ирыстоны иу фадынæгæй сабитæ дзæвгартæй цагъды кодтой, цы сывæллон иудзы фæрынчын, уымæн иу сдзæбæх æнхъæл ничиуал уыд. Афтæ карз уыд ацы низ, æмæ дзы ирон адæмтынг тарстысты. Уый тыххæй дзы нымд кодтой, йæ фæсномыгæй йæ хуыдтой «дзуар». Дзуары бынаты йæсæвæрдтой. Аларды та уыд йæ бардуаг. Уымæ куывтой, уымæй агуырдтой, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæгма æрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзæрин. «Рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дæхицæн, куывта-иухистæр.
Зæхмæ куы æрцæуыс, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадз!
Де ‘ргом нæм макуы равдис. Дæчъылдыммæ дæм сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм».
Алардыйы бæрæгбон афæдз вæййы дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ рагвæззæг, къуырийы бонтæй та – къуырисæры. Ирон адæммæ-иу уæлдай кадджындæр уыд, сывæллæттæ-иу фадынæгæй рынчын кæнын куырайдыдтой, уæд. Рынчыны цур хъæрæй ныхас нæ уагътой, чи йæм каст, уый та хъуамæ уыдаидхæрзсыгъдæг æмæ аив уæлæдарæсы. Алардыйæн æргæвстой урс уæрыччытæ, кæнæ афæдздзыд фыстæ. Цæмæййын йæ хорзæх ссардтаиккой, уый тыххæй-иу йæ номыл куывдтæ адаргъ сты мæйы бæрц дæр.
Алардыйы куывдты кæд устытæ нæ бадтысты, уæддæр ыл уыдонæй тынгдæр ничи аудыдта: цотгæнæг уыдонсты, сомы дæр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссæн æхсæвы чызджытæ куывтой, цæмæй сын Аларды сæфидæны цот фадынæгæй бахъахъхъæна. Уæдæ æппæты тынгдæр æлгъыст та уыд: «Алардыйы фыдæхссар».
Фадынæгæй иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тæсæй кæугæ дæр нæ кодтой. Алардыйы зарæгкæнгæйæ-иу æй баныгæдтой.

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*