Таинственной мелодии вторит водопад

 Нет встреч в пути случайных,
 Нас сводят небеса,
 И в каждом человеке 
 Есть тайная струна 


         Во Владикавказе в зале библиотеки по ул. Проспект Коста прошла презентация книги поэтессы Анеты Гацоевой. В небольшом зале библиотеки собрались ее друзья и близкие. Вечер был посвящен выходу в свет очередной книги со стихами «Таинственной мелодии вторит  водопад».  «Анета Гацоева является исключительно своеобразным поэтом, стихотворения которой переполнены чувствами к близким людям, народу Осетии, любовью к родине, а еще философией. На ее стихи уже было  исполнено немало песен композиторами Осетии», - рассказал композитор Борис Кокаев.  

От имени членов общественной организации «Иудзинад» Батраз Кучиев поздравил Анету Гацоеву с ее творческими успехами, подчеркнув ее немаловажный вклад в развитие современной культуры Осетии. Анета Гацоева является членом Совета по культуре СОРКПОО «Иудзинад». Анета Гацоева является человеком, которого переполняет любовь ко всему окружающему. «Даже если бы Анета не была такой выдающейся личностью в сфере литературы, ее бы все равно уважали за ее  человеческие качества. Кроме того, стоит отметить актуальность сегодняшнего вечера. В настоящее время народ начал пренебрегать осетинским языком, а подобные мероприятия пропагандируют национальный язык, ведь здесь присутствуют не только взрослые, но также студенты и школьники», – сказал он. 
 Стоит добавить, что в ходе мероприятия творческие коллективы республики показали музыкальные номера. Талант, кроящийся в глубинах души человека, всегда пробуждается благодаря какому-то чувству, которое побуждает его творить нечто прекрасное, таким подталкивающим фактором в творчестве Анеты Гацоевой является бесконечная любовь к своему родному краю.
В заключение творческого вечера, который продлился три часа, виновница этой трогательной встречи высказала своим гостям самую искреннюю признательность за их столь активное участие в знаковом для нее событии. 

  Рын нæ адæмыл ыстынг, 
 Стæм æвæццæгæн рæдыд. 
 Пиллон арты судзы дуг,
 Сайд ныл бархийæ æрцыд. 
 Мулк нæ удтæн 'сси æфсин, 
 Нал и царды абон цин.
 Нал и царды абон фарн, 
 Зæрдæты æрцарди хин. 
 Рындзмæ хуыздæрты тæрæм, 
 Сау тæрхон куырмæй хæссæм. 
 Дам - дум, хахуыртæ фыссæм, 
 Исбоны цæстæй кæсæм
  
 **************
 Ме схæссæг,  зæдбадæн хæхтæ, 
 Рухс æргом дзуæртты бынат. 
 Райдзаст дидинæгджын фæзтæ, 
 Кадджын райгуырæн хъæууат .
 Зæдтæ амæндтæ ам уарынц, 
 Тиб æппæт хъæутæй хуыздæр .
 Зæххæй хосæн суæрттæ гуырынц, 
 Уд рæвдауы терчы хъæр. 
 Тибы алыварс сызгъæрин, 
 Авд æргом дзуары æрцард .
 'Рхæссынц кувæгæн æргом цин,
 Нæй дзы бахæрæн мæнг ард.
  
 **************
 Кæй ма хъуыди Советон дуджы хох 
 Рæсугъд цардагур быдырмæ тындзыдтой 
 Куывддон бынæттæ баззадысты рох
 Дзæгъæл хæдзæрттæй бал бирæгътæ ниуттой 
 Æдзæрæг хъæуты дымгæ дуæрттæ хоста 
 Тохынаты бамынæг æртдзæст 
 Æрмæст ма хур къæйдур къæсæртæ 'ндæвдта
 Гом фæрсæгтæм мæй æдзынæг каст.
 Хæлæйфаг абон хæхбæсты зæххытæ 
 Зыд удтæ домынц исбоны тыхæй 
 Уæййаг ыскодтой фыдæлты къуылдымтæ 
 Æрвад æрвадмæ ныл дзуры дзыхæй 
 Куывддон бынæттæм хъусджыны фыд ласынц 
 Кæм нембæлы уым физонæг кæнынц 
 Сæ фæлхæрдтæ æргом дзуæртты бын уадзынц 
 Сæхæдæг Хуыцауæн табутæ кæнынц 
 Æнкъардæй 'згъалынц их - кæмттæ cæ  цæссыг 
 Æнусон хæхтæ миты бын хъæрзынц 
 Ихæнрыстæй 'фхæрд ныййарæг бандзыг 
 Додой мигътæ цъæх арвæй кæнынц
  
 **************
 Хуры цæст йæ аууоны фæци.
 Хохы фахсæй нæзы хъæд фæлгæсы 
 Найы дидин æртæхы йæхи. 
 Комæй симгæ рог дымгæ фæзынди 
 Угæрдæны аныгъуыл кæмдæр.
 Донгæронмæ дзывылдар æртахти 
 Йæ хихтæ систа донхæрис уæлдæр.
 Цъититæй фынккалгæ Терк æзгъоры 
 Ызнæт уылæн тыгъд быдырмæ бырсы. 
 Айнæгыл цæргæсы лæппын бады 
 Ног бонмæ цымыдис каст кæны. 
 Айтыгъдта йæ базыртæ фыццаг хат 
 Арвы риуыл зилдухтæ кæны.
 Хохы тигъыл цингæнгæйæ абадт 
 Тар хъæдмæ æдзынæг каст кæны.
  
 **************
 Хъысмæты къух кæмæн цы хуын æрхæсдзæн.
 Цы фæндагыл цæудзæн зæххыл фæндаггон, 
 Кæмæ цы цæстæй царддæттæг æркæсдзæн. 
 Цæстыныкъуылдмæ сау бæллæх æрцæуы, 
 Æзнæтæй  'скалы хахуыргæнæг марг. 
 Кæйдæр хъыгыл кæлмхæрд уд худгæ райы, 
 Цыргъ хъамайау фыдцæф кæны æвзаг. 
 Æввонгхортæ æппыныдзухæй домынц, 
 Сæ хæдзæртты сæ зæххытæ æгуыст. 
 Кæйдæр бæркад хæлæггæнгæ нымайынц, 
 Сæ сау зæрдæтæй ивылы æлгъыст. 
 Къуымых зондæй цыдæр дам- думтæ луарынц, 
 Ферох кодтой хидарыны уаг. 
 Хъыджы бон дæр сæ хахуыртæ нæ уадзынц, 
 Нæ cæм кæсы æвирхъау хабар фаг. 
  
 **************
 Æз курын зоныгыл хатыр,
 Цъæх арв,  сыгъзæрин хур, сымах дæр 
 Мæ удæн бакæнут хатыр. 
 Хатыр мæ ныййарæг,  мæ хъæбул,
 Кæд уæ æз бафхæрдтон рæстæй. 
 Хатыр мæ хо, хатыр мæ сыхаг, 
 Кæд стут сымах мæстджын мæнæй. 
 Хатыр,  мæ хиуæттæ,  мæ  мыггаг, 
 Кæд искуы бамбæхстон мæхи. 
 Хатыр мæ хорз æмбал, мæ хæлар, 
 Кæд уын мæ уд зынтæ фæци.
 Хатыр æнæзонгæ фæндаггон, 
 Кæд дын нæ бамбæрстон дæ рис.
 Кæд дыл æз бакодтон былысчъил, 
 Дæуæн та кæд дæ зæрдæ рыст.  

Пресс-служба СОРКПОО «ИУДЗИНАД»

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*