Фæлвæра

Фæлвæрайы æхсæв бæрæг кæнынц Алардыйы бæрæгбоны фæстæ, дыццæджы. Раздæры заманты (бирæ рæтты абон дæр) ирон бинонты цард зæхх æмæ фосæй аразгæ уыди æмæ уый тыххæй Фæлвæрамæ уæлдай зæрдиагдæрæй куывтой, фæдзæхстой йыл сæ фос, цæмæй æнæфыдбылыз уой, азæй-азмæ сыл фылдæр æфта, чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн куыд бахъæуой. Фæлвæрайæн кодтой кусарт, кувинæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахста дзыкка. 

Нарты кадджыты Фæлвæра у уæларвон цæрæг, хæдзарон фосы бардуаг. Ирон зæдты æхсæн у тæккæ зæрдæхæлардæр, тæккæ фæлмæнзæрдæдæр, йæ цæст æвзæр никуы никæмæн загъта, никуы никæй бахъыгдардта, никуы никæй бафхæрдтæ Иу рæстæджы, дам, Тутыр йемæ сабыр, фæлмæн ныхас кодта, стæй йын æвиппайды йæ галиу цæст акъахтæ Уый та уымæн, цæмæй, дам, бирæгътæн йæ фосæй галиуырдыгæй давыды фадат фæуа. 

Ирон лæг, адæмæн уарзон æмæ æгъдауджын адæймагæй æппæлыд, зæгъгæ, уæд-иу загътæ Фæлвæрайы хуызæн лæг у. Æмæ йын уый уыд стыр кад. Ахæм цæстуарзон, фæлмæн, зæрдæхæлар бардуагæй баззад Фæлвæра адæмы зæрдæты. 

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*