Цалдæр боны размæ Беслæны хъæуы æрцыди тынг ахсджиаг хабар

Уастырджийы кувæндоны ,кувæны бынаты, бира адæм æрцыд барæгбонмæ. Бæрæгбоныл бацархайдтой бирæ адæм: барвæндонай чи фæкасти ахцайа, æрмæгæй, къухай — уыдон.
Уæлдай ныхас фæнды ракæнын æгъдаухæссæг хистæры тыххæй, кæй хъуыдыйы æрцыд цымыдис хабар. Ацы лæджы Хуыцау дзæгъæлы нæ аирвæзын кодта дыууæ инфаркт æмæ дыууæ инсульты фæстæ. Уый у нæ зынаргъ хистæр — Беройты Мурат. Кары лæг уæвгæйæ бынтон лæвар,йæ уд йæ бонæй йæхи радта ацы рухс бынат саив кæныныл.Тынг бирæ историон чингуытæ бакасти, æмæ æрцыди иунæг хъуыдымæ:» Мах хъуамæ аллы хабар дæр хæссæм нæ фыдæлты уæзæгæй. Нæ фыдæлты каджын номæй.Нæ фыдæлтæй нын æнусæй æнустæм цы æгъдау, цы дин баззади уымæй. Æмæ йæ хъуамæ фидарæй фидардæр кæнæм!»Ацы хъуыдыимæ Мурат саразта кувæндон.
Цалдæр азы размæ спайда кодта йæ зонындзинæдтæй архитектурæ æмæ æцæг дурты, дон æмæ хъæддзаумайы. Афтæмæй кувæндоны фæзынди цыхцырæг æмæ æхсæрдзæн ,символикон цырагъдар, диссаджы пъол, кæцы у цалдæр хуызы дурæй конд. Пъолæн йæ орнамент хæссы нæ рагфыдæлты зонындзинæдтæ.
Ацы аз та, кувандоны лæггадгæнæг Озиты Хъазбек , хъауы фасивады арбамбырд кодтта æмæ рассугъд бæрæгбон æсцаттæ кодтой йумайагæй. Æххуыс кодтой хæринаг кæнынмæ æмæ фынг æвæрынмæ.
Йудзинады уæнгтæ «Ирыстоны кувæндатты лӕггадгӕнджытӕ» дæр уыдысты æвдисæнттæй уыцы хорз хъуыддаджы мидаг.
Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй, Хуыцауӕн йӕ «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» чи кувы, уыдон йуылдæр вайынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы бӕрӕгбӕтты.
Ахæм бæрæгбоны мидæг дӕ цӕстытыл ауайы, раджы заманты-иу ирон адæм бӕрӕгбоны рӕстӕг Ирыстоны куыд кадджын кодтой.



О Хуыцау! Стыр иунæг Хуыцау! Рухс адæмæн сæ рухс хъуыдтæгты æххусгæнæг у! Нæ Ирон Æгъдау æнустæм куыд цæра,ахæм арфæ нын ракæн! 💢

https://vk.com/video-212561158_456239145

Оставьте первый комментарий

Отправить ответ

Ваш e-mail не будет опубликован.


*